О, уый фæстæ та æнхъæлмæ кастыстæм мамæимæ папæмæ. Æмæ Мамæ кæйдæр мащинæйф кузовы тыххæй – лæхкæфой куы загъта, уæд æй æз бафарстон – кæфой циу, зæгъгæ. Мамæ мын æй бацамыдта куыд – плетенная из лозы корзинка с низкими бортиками, обмазанная иногда глиной – и в этом случæ в ней приносили лыстытæ для растопки. И, наверное, если не обмазанная, то в ней иногда ещё просеивали зерно от всякой шелухи и мусора.
Уæд æй æз бафарстон, уыцы мащинæ лæхкæфой цæмæ схуыдта, кæфой дзы ци причем у? Мамæ бахудти æмæ радзырдта. Торговон синдикаттæ ма куы уыди, коллективизации рæстæджыты, уæд адæм сæ сызгъæринтæ уыцы Торгсинтæм ауæй кодтой. Æмæ иу зæронд усмæ дæр æхца куы нал баззади, уæд уый дæр йæхи уырдæм цæуынмæ сцæттæ кодта. Æмæ йæ сæ сыхаг аласта мащинæйыл.
Изæрæй зæронд ус рбаздæхти æмæ йæ сыхаг устытæн дзуры:
"Абон дам мæм Сослан (Сослан дæр фæуæд, уæлдай нæу) æрбацыди, лæхкæфойы мæ абадын кодта æмæ дам мæ умывальниктæм баласта."
Йæ зæронды тыххæй йæ бон куыд уыди афтæ загъта æнæзонгæ урыссаг ныхæстæ: легковой (легковая машина) æмæ начальник (умывальник).
Мамæ зæгъы, уый æцæг уыди. Уыцы ус дам кæмдæр мамæйы мады цур царди. Æмæ дам уыцы усы радзырд ууыл нæ фæци, просто дам æй æз мæхæдæг дæр нал хъуыды кæнын.
Цыбырæй зæгъгæйæ уыдтæн нæхимæ. Мæ колонкæтæй хъуысынц Энгельберт Хампердинкы зарджытæ, уый размæ та дзырдтон мамæимæ. Цыдæр мын нæ фаг кæны. Мæ фæндтæ мæ къухты не ‘фтынц æндæр ма цы, фæлæ цæмæй мæ къухты бафтой, уымæн кусгæ дæр куы ницы кæнын. Фæлæ уыдон æвдæлон ныхæстæ сты. Æз ардæм уыдон тыххæй не ‘рбацыдтæн.
Æмтгæй зæгъгæйæ (в общем) уыдыстæм нæ хæстæджытæм. Уæллаг Ходы кой цæйдæр тыххæй куы скодтам æмæ дам дзы цы бирæ кæлмытæ и, уæд мамæйы æфсымæр æрхъуыды кодта æмæ радзырдта иу цыбыр худæджы радзырд бачъиты калмы тыххæй. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй Бачъитæ - уыди рахиз рагъы ном.. фæлæ цавæр рагъы, æз уыцы бынæтты географийы ницы ‘мбарын.
Бачъиты кæлмытæй дзырдтой цымæ уыцы кæлмытæй цъаммардæр æмæ маргджындæр кæлмытæ Ирыстоны нæ уыди. Цыма дам иннæ кæлмыты хуызæн сæхи не мбæхстой, фæлæ ма иу адæймагы дæр расырдтой, кæд йæ бон алидзын уыди. Тынг агрессивон арæзт кæлмытæ. Урыссагау – кавказская гадюка.
Æмæ дам кæддæр царди уыцы быннæтты иу тынг магуса лæг. Алы аз дæр иу хос кæрдын рæстæг куы æрлæууыди, уæд иу уый йæ къахдзæф хохмæ ацарæзта, уым иу бынаты зыдта бурхъус калмы хуынкъ, æмæ иу уыцы хъуынчъы йæ къух атъыста, бурхъус калм та иу ыл фæхæцыди, æмæ иу лæг хъæрзгæйæ æрцæйцыди хъæумæ, Ома дам мыл калм фæхæцыди æмæ мæ бон хос кæрдын нæу.
Афтæ кодта цалдæр азы, æмæ дзы уыцы бурхъус калм тынг бафæллади. Æмæ дам цы кæнон, цы рхъуыды кæнон, æмæ ацыди бачъиты калм агурæг. Ссардта йæ, йæ хабар ын радзырдта, æмæ дзы æххуыс ракурдта. Бачъиты калм сразы и, фæлæ дам иу мæ дæ хуынкмæ де ккойы алас, загъта бурхъус калмæн. Уый ма цы кодтаид, фыр цинæй йæ йе ккойы сбадын кодта æмæ фæцæй цыдысты. Хиды сартыл куы цыдысты уæд бачъиты калмæн йæ къæдзил доны атылди.
Уæдмæ та хос кæрдæн рæстæг æрцыди, æмæ та лæг бурхъус калмы хуынчъы раз фæзынди, атъыста дзы йæ къух , бачъиты калм йыл фæхæцыди, лæг ма «Ооох» загъта æмæ амарди. Бачъиты калм разылди бурхъус калммæ æмæ йын хъыг хуызимæ дзуры:
«Гъер мæ хиды сæрты куы ластай, уæд мæ къæдзилы кæрон доны куы нæ атылдтаид, уæд уыцы лæг Ооох дæр нал загъдтаид».
Кæд сымахмæ худæг нæ фæкасти, уæд ыл мах та ахудтыстæм. От души.
Иуæй иу хатт мын цы тынг æххуыс вæййы slovar.iriston.com
Уыцы онлайн-дзырдуат чи скодта, уыдонæн аргъ дæр нæй. Мæлæдецтæ.
Боныхъæд мын мæ зæрдæ рухс кæны. Фæлæ бафæлладтæн.
Ахæцон абон кустæ æви ма акусон..? Риторикон фарста. Хуыцау йæ зонæг. Кусын дæр мæ хъæуы, куыст бирæ, рæстæг та фæфæуд кæны, æмæ мын уæлдарæс дæр нæй. Æмæ ма рудзынгæй куы ракæсын уæд сыфтæры змæлдмæ, хурмæ æмæ дымгæмæ мæ зæрдæ мысы æмæ тыхсы. Æмæ ма мæ наушникты дæр Элтон Джоны зарджытæ - æгæр лирикон, фæлæ мæ æндæртæ нæ хъæуы ныр.
Нæхицæй чиныг æрластон – фразеологон очерктæ. Æмæ цалдæр боны худын.
О цæй.. нал цæ фыссын. Фæндыди ма мæ цыбыр радзырд ныффысын цæмæй дзы æндæр фразеологон дзырдбæстытæ ранымайон æмæ бахъуды кæнон.. фæлæ .. фендзыстæм. Кæд та на бафæллайон мæхицæй.
Æвæццæгæн лæппутæн æндæр куыст нæ уыди.
Мæн дæр азæрубкæ кодтой. Цæвæр у, цавæр...
Цæй уæддæр фыссын хъавыдтæн æмæ иуырздыгæй - мæсты цæуыл кæнон, ахæм дзы нæй. Иннæрздыгæй та, дзæгъæл æзмæлдтытæ нæ уарзын.
Цæй о, бабыхсдзынæн. Ахæцыдыстæм, цас бафаг уа, уый бæрц.
Адтæн нæхемæ. Ма еу изæр бацудан нæ муггаги хестæрмæ Казбегмæ. Уоми берæ фæббадтан. Берæ цидæртæ радзурта. Фæстагмæ ма нин балæвардта киунугæ Гобети Аригани «Хуари нæмуг». Æз æй мæ хæццæ æрбаластон Мæскумæ, ‘ма ймæ ами метроийы фæккæсун. Фиццаг тауæрæхътæ мæ зæрдæмæ фæццудæнцæ, фал куд дарддæр уотæ минкъий дæр цæуй мæ зæрдæмæ еци киунугæ. Казбег иуотæ загъта, ма дан еци киунуги берæ тауæрæхътæ уой радзурта Ариганæн, фал дан уой куы финста, уæд райевта берæ цидæртæ. Ма дзи æз нур ма Казбеги ном нæма ‘ссирдтон. Фал дигоронау кæсун мæ зæрдæмæ цæуй. Уæдта раст ма рæссугъд дзорун дæр ескæд ку сахур уинæ.
Мæнæ ахæм проекттæм мæстæй тъæпп хауын. Уæрæсейы царди тынг бирæ зондджын, ныфсджын, курдиатджын, номдзыд адæм. Æмæ кæмæн у йæ бон саргъ кæнын, чи цæ фылдæр скодта, чи уыди курдиатджындæр, чи ныуагъта æдæмы зæрдæты арфдæр фæд.
Фæлæ райдайынц дзæгъæл проекттæ. Æмæ хъæлæба - куыд рацыди Сталин размæ, адæмæн цæ цæстытæ райгом кæнын хъæуы, ницы зонынц.
Цымæ кæмæн цы балвырд кæнынц? Цавæр субъективон растдзинад бæллынц бахæссын æнæзонд адæммае?
Алкæмæн хъуамæ уа йæхи цæстæнгас царды уавæртæм, историкон уавæртæм, зындгонд адæммæ. Алчи взары йæхимæ гæсгæ.
Дыууæ боны фæстæ Полинæймæ цæуын нæхимæ. Дзæуджыхъæумæ. Хæдзармæ. :)) Æвæццæгæн æй ныр дæр нæма бамбæрстон, уый тыххæй æмæ мæ куыддæр раздæры хуызæн нæ хъарм кæны. Къаддæр уæрзын æй нæ райдыдтон, фалæ куыддæр райхъал дæн мæ фынæй уавæрæй. Цалдæр мæйы мæхицæн бынат нæ ардтон. Цы кусын, цæмæ кусын, мæхимидæг куыддæр нындзыг дæн. Нæ зонын. Дзæгъæл кæнын райдыдтон. Фæстагмæ мын фынæй кæнын дæр нæ уади. Ахсæв иу фондз-æхсæз хатты райхъал дæн, æмæ ма мæ зæрдæ искæмæ куы 'хсайдтаид, уæд гъа, фæлæ...
Ивгъуыд къуырийы та цымæ райхъал дæн. Ныр æй æмбаргæ дæр нæ кæнын, мæ уд кæм уыди æмæ цы куыста, æмæ мыл цы рцыди. Цымæ мыл чидæр фынæйы хæлуарæджы тын æрбамбæрзта æмæ мæ уд кæм дæр лæбиринтты фæххати мæн агургæйæ.
Райхъал дæн. ДЗæбæх мын у, дуне. 'Рбаздæздæхтæн. Цæрæм.
Абонæй фæстæмæ фыссын ацы блогы мæ хъудытæ æмæ хабæрттæ, кæд мæ зивæг не рцæхса.
Ацы бон æрнысан кодтон къæпыйæ æмæ фæцæуын, мæ сихор бахæрон )